Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты ӕхсӕнадӕмон турниры ХМАЗ-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Владимир Семеновы призтыл. Уый тыххӕй йӕ социалон хызӕгты фехъусын кодта Уӕрӕсейы командӕты спортивон цӕттӕкӕнынады Центры директор Георгий Брюсов.
Ерыстӕ ацӕудзысты Ханты-Мансийскы автономон зылды (ХМАЗ) 26-ӕй 30-ӕм октябрмӕ.

"Традицион ерыстӕ рагӕй фӕстӕмӕ сты уӕгъдибар хъӕбысхӕсты ӕхсӕнадӕмон къӕлиндары иууыл сӕйрагдӕр цаутӕй иу, сӕ престижыл та нӕ бандӕвтой бирӕнымӕц санкцитӕ уӕрӕсейаг спорты ныхмӕ. Ацы аз турниры хайад райсдзысты 200-йӕ фылдӕр хъӕбысӕйхӕцӕджы 12 бӕстӕйӕ: Уӕрӕсе, Сомих, Азербайджан, Белорусси, Казахстан, Киргизи, Македони, Молдави, Монголи, Таджикистан ӕмӕ Узбекистанӕй, афтӕ ма Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй", - ныффыста Брюсов.

Турниры цытджын уазӕг уыдзӕн олимпиаг чемпион Сидахъты Зауырбег. Уӕрӕсейы командӕйы уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Сидахъты Зауырбег хъахъхъӕны ХМАЗ-Юграйы кад, ӕмӕ йын турниры ратдзысты дунейы чемпионаты уӕлахизы тыххӕй преми иу милуан сомы бӕрц, кӕцы снысан кодта Владимир Семенов.
Ерысты призон фонд у 3,2 милуан сомы. Уӕлахиздзаутӕ райсдзысты фӕйнӕ 85 мин сомы, ӕвзист призертӕ – 65 мин сомы, бронзӕйон призертӕ та – 50 мин сомы. Фӕйнӕ 50 мин сомы ма ратдзысты уӕлахиздзауты тренертӕн. Афтӕ ма 500 мин сомы ратдзысты турниры иууыл хуыздӕр хъӕбысӕйхӕцӕгӕн.