ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Милицийы кусджытӕ конфискаци скодтой Цхинвалы ӕртӕ дуканийы тобӕгонд энергетикон нозт ӕмӕ электронон тамакотӕ, хъусын кӕны дыццӕджы Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Милицийы кусджытӕ рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы ссардтой дыууӕ тамакоты ӕмӕ иу хӕлцадон дуканийы вейптӕ ӕмӕ энергетиктӕ", - загътой министрады.
Фӕтхалджыты фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ, уыдон ӕрвыст ӕрцӕудзысты тӕрхондонмӕ, бафтыдтой министрады.
Хуссар Ирыстоны архайы тобӕ энергетикон нозт ӕмӕ электронон тамакоты реализацийыл, законмӕ гӕсгӕ фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар фӕткхалды ӕрмӕджыты конфискациимӕ.