Цхинвалы дыууæ скъолайы бакуыстой зынгсирвæзты рæстæджы эвакуацийыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 окт - Sputnik. Цхинвалы дыууæ скъолайы ахуырадон тренировкæтæ ауагътой дыццæджы Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ) æмæ Ахуырады министрады кусджытæ, фехъусын кодта уæлвæткон уагдоны пресс-службæ.
Уагдоны зæрдыл æрбалæууын кодтой, скъолаты эвакуацийы ахуыртæ кæй сты нывæстон мадзæлттæ æмæ уагъд цæуын æнæхъæн республикæйы.

"Абон, 24 октябры, ауагъдæуыд ахуырадон тренировкæтæ зынгсирвæзты рæстæджы скъолаты эвакуацийы фæдыл", - банысан кодтой министрады.

Тренировкæты хатдзæгтæм гæсгæ УУМ кусджытæ банысан кодтой ахуырты хорз организаци, афтæ ма сбæрæг кодтой чысыл рæдыдтытæ, бафтыдтой министрады.