Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. ЦИН

Sputnik
— Кæс-ма, кæс, мит куыд тынг уары. Ахæм ма дзы тъыфылтæ уа...
— Мит уары, зæгъыс?
— Залты мит, залты, Харитон!
— Æмæ рагæй уары? Куыд рагæй?
— Райсом æз нæхицæй куы цыдтæн, уæд нæма уарыди... æмæ, зæгъын...
— Райсомæй нæ уарыд, фæлæ ныр дыууæ сахаты бæрц уары, раст сыхырнайæ луарæгау.
— Мæнæ диссæгтæ... Фæлæ ницы кæны, æгайтма уары. Уадз æмæ зымæг дæр йæхи хуызæн уа. Æз нæ уарзын æнæ мит зымæг, — йæ былтæ нæ базмæлын кæнгæйæ, загъта Харитон æмæ мæнмæ афтæ фæкаст, цыма искæйы фæзмы.
— Æмæ, Харитон, æппындæр нæ уыныс æви?
Харитон исдугмæ ницы сдзырдта, стæй арф ныуулæфыд æмæ загъта:
— Зæгъæн ис, æмæ æппындæр нæ уынын. Афтæ цыдæр дыдзы рухс сæмбæлы хаттæй-хатт зæрдæйыл.
Зæрдæйыл, зæгъгæ, уымæн зæгъын, æмæ мæхи дæр нæ фæуырны, æцæг, рухс уынын æви мæм мæ зæрдæ афтæ дзуры... Цæмæн мæ афтæ фæрсыс?
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.