Иу изæр Сослан Нарты хъæуы уынгты уæлæмæ фæцæуы. Иу тигъмæ схæццæ ис, æмæ дзы лæппу-фæсивæд лæууынц. Сосланы нæ уынынц æмæ дзурынц: "Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!".
Дыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр лæууынц лæппу-фæсивæд æмæ дзурынц: "Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!".
Æртыккаг тигъмæ схæццæ ис. Уым дæр та лæууынц фæсивæд æмæ дзурынц: "Сослан цæй Сослан у, махты руаджы куы нæ уаид, уæд!".
"Мæ Хуыцауыстæн, адоны мын æнæ бавзаргæ нæй", - загъта Сослан æмæ æрæмбырд кодта фæсивæды иу ранмæ.
- Гъей, мардзæтæ! – дзуры сæм Сослан. Уарбийы æфсæдтæ Хызыны æфцæгыл ссæуынц, æмæ сын сæ ис, сæ хæзна байсæм.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.