ЦХИНВАЛ, 26 - окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Борис Щукины номыл театралон институты ирон студийы 2013 азы рауагъдонтæ хайад райстой ахуыргæнæн уагдоны 109 азы цытæн мадзæлтты, фехъусын кодта Sputnik-æн Хуссар Ирыстоны культурæйы министры хæдивæг, Паддзахадон драмон театры артист Мамиты Григорий.
"Хорз традици сфидар ис - алкæцы дæс азы уагдон йæ рауагъдонты æрæмбырд кæны. Ацы аз мах дæр архайдтам мадзæлтты, куыд иууыл æвзонгдæр рауагъдонтæ, сценæйыл та уыдысты 1953 азы рауагъдонтæ", - загъта Мамиты Григорий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зноны студенттæ ногæй фембæлдысты сæ ахуыргæнджытимæ æмæ сæ уарзон ахуыргæнæн уагдоны бабæрæг кодтой.
"Щука"-йы ирон студийы рауагъдонтæ хайад райстой уагдоны сæвзæрды цытæн мадзæлтты
© Photo : Пресс-служба Госдрамтеатра РЮО
"Райста нæ ректор, Уæрæсейы адæмон артист Евгений Князев. Мах фæхæццæ кодтам Хуссар Ирыстоны культурæйы министр Зæгъойты Радайы арфæйы тел. Фембæлдыстæм нæ студийы аивадон къухдариуæггæнæг Анна Дубровскаяимæ", - бафтыда уый.
Борис Щукины номыл театралон институт дæс азы размæ рауагъта ирон студи. Йæ рауагъдонты иу хай сæ сфæлдыстадон фæндаг сбастой Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театримæ. Сæ архайдæй сценæйыл сæхицæн хорз актеры ном скодтой Мамиты Григорий, Мæргъиты Инга æмæ Кокойты Нина. Ӕрæджы ма сæм бамбал ис режиссер Джелыты Хъазбег.