— Мæхи мæзджыты ардыстæн, æз ын йæ сиучъытæ æрцамайдзынæн... Акæс-ма уымæ дæр — æхсынчъы хуызæн... хуымæтæг у, хуымæтæг... Кæм не 'скуыси уыдзæн, ахæм ын нæй. Стæй йæ хуыцау мæ фæдыл цы бафтыдта, уымæн та æппын ницы зонын!
— Зынгджын стъæлфаг у, æвæццæгæн дзы дæхимæ дæр ис!..
— Ома?
— Ома, зæгъын, кæд зæрдæхсайгæ вæййынц дæ ныхæстæ, дæ митæ.
— Ард дæ хæдзары бацæуæд, кæд æдзух ды дæр мæнæй цы хъазыс. Нæхи мæзджыты ардыстæн, ды дæр мæм цыдæрхуызон кæсын райдыдтай. —Уанцон нæу! Уæддæр цы хуызæн? Цъæх? Бур? Хъулон? — Цæй, мæн ныхæстæм не 'вдæлы. —
Уый раст у, дæуæн дæ куырой гагадыууæ куы нæ кæна, уæд нæ зоныс.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.