Нарты кадджытæ. Нарты балц. Сырдон Нарты куыд асайдта. Сырдоны мард

Sputnik
Нарты гуыппырсартæ – Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ иннæтæ – сфæнд кодтой дард балцы ацæуын. Уæд иубон араст сты. Хъæуæй ахызтысты, афтæ æрхъуыды кодтой: "Гъей-джиди, Сырдон дæр ма немæ куы уаид, - дард балцы цæугæйæ хъæлдзæг лæг у!".
Уæд кæстæртæй иу афтæ зæгъы:
- Ам мæм куы фæлæуиккат, уæд æй æз ныртæккæ æрбакæнин.
- Фæлæудзыстæм, - зæгъгæ, йын загътой, - æрмæст тагъд цу æмæ фæстæмæ дæр тагъд фездæх.
Лæппу фæстæмæ йæ бæх фæзылдта æмæ Сырдоны хæдзары дуармæ балæууыд.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.