ЦХИНВАЛ, 30 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ ивгъуыд къуыри бæрнмæ æрбаздахтой 16 адæймаджы алгъуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Афтæ ма ивгъуыд къуыри республикæйы территорийыл æрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн бахъыгдард сты дыууæ адæймаджы", - загътой министрады.
Уымæй дарддæр Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 288 фæткхалды. Аст шофыры скъæрдтой автотранспортыл нозтджынæй.
Республикæйы территорийыл иу къуыримæ фыдракæндтæ регистрацигонд не ‘рцыд.