Хуссарирыстойнаг хæстон радта фæрæзтæ йæ райгуырæн хъæуы аргъуаны сцалцæг кæнынæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 окт - Sputnik. Майор Котолты Сослан, кæцы æртæ хатты фæцæф СÆО зонæйы радта йæ æнæниздзинад сфидар кæнынæн рахицæнгонд фæрæзтæ йæ райгуырæн хъæуы аргъуан сцалцæг кæныны тыххæй.

"Æвæццæгæн, Хуыцауы фæрцы баззадтæн æгасæй. Афтæ у мæ хъуыды. Куы мын фенын кодтой ме згъæрху, хуымæтæг иумæйаг æфсæддон – аирвæзæн дзы нæ уыд. Госпиталы хуыссыдтæн æмæ ацы æхцатæ куы ᾿рцыдысты, уæд мæм æвиппайды фæзынд хъуыды, зæгъгæ, Хуыцау радта уыцы фадат, цæмæй аргъуан самайæм", - радзырдта æфсæддон журналистæн.

Аргъуан сцалцæг кæныны хъуыддагмæ æрбамбал сты хæстоны æмслужбæгæнджытæ æмæ хæстæджытæ. Майор Котолты Сослан ис фронты сæрмагонд æфсæддон операцийы фыццаг бонтæй фæстæмæ.