Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. СИМОН ДЗУАРЫЛÆГ КУЫД ССИ

Sputnik
— Абон хуыцаубон нæу?
— О, хуыцаубон. — Уæдæ абон у сызгъæрин дзуары бон.
— Æмæ абон у исты?
— Мæ фыдыстæн, абон... Æмæ, зæгъын, ам бадынæй мæ цъæх гæккуыри схаудзæн, фæлтау уырдæм мæхи айсон. Æнæуи дæр мæ хъуыддаг ис Фæрвыхъæуы, — йе 'взист бæрцытæм зулаив кæсгæйæ, дзырдта Симон йæ фысымæн.
— Хорз фæнд у, фæлæ цæуыл фæхæццæ уыдзынæ?
— Куыд цæуыл? Уæртæ горæты кæронмæ ауайдзынæн, "хъæлæс акæндзынæн", абаддзынæн машинæйы æмæ раст дыууæ сахаты фæстæ Фæрвыхъæуы уыдзынæн, — загъта Симон æмæ йæ хæлуарæгсæрфæны хуызæн æрфгуытæ, уыцы пакатæй, тæрныхыл бæрзонд абадтысты.
— Æцæг зæгъыс, уыцырдæм арæх фæцæуынц автомобилтæ, — загъта фысым æмæ йæ насы хъæды хуызæн фындз йæ уырзтæй аууæрста.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.