Хуссар Иры хицауад арвыста отставкæйы Ленингоры районы разамонæджы хæдивæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад дыццæджы рабадты рæстæджы ссæрибар кодта Ленингоры районы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæджы бынатæй Резо Девидзейы.
Девидзейы снысан кодтой районы разамонæджы хæдивæгæй фарон аз августы.
Ивгъуыд къуыри президент йæ барамындæй раивта районы сæргълæууæджы дæр. Ацы бынатмæ снысан кодтой барадхъахъхъæнæг органты раздæры кусæг Уалыты Муртазы.
Уалыты Муртазы ныхæстæм гæсгæ, Девидзе ацыд отставкæйы йæхи фæндонмæ гæсгæ.