Хъырым арвитдзæн Зеленскийы фатер ауæй кæныны æхцатæ СÆО хæрдзтæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 окт - Sputnik. Хъырымы аукционæй ауæй кодтой Владимир Зеленскийы бинонты национализацигонд фатер, уырдыгæй райсгæ 44,3 милуан сомы арвитдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хæрдзтæн, фехъусын кодта РИА Новости хъырымаг парламенты сæргълæууæг Владимир Константиновы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
"Нæхицæн мах аскъуыддзаг кодтам, Зеленскийы фатер ауæй кæнынæй райсгæ æхцатæ кæй арвитдзыстæм сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы фронты хæрдзтæн", - загъта Константинов.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фатеры национализаци æмæ уæй уыд ахсджиаг æмæ символикон къахдзæф хъырымæгтæн, кæцыты нæ фæндыд, цæмæй æрдæгсакъадахæн уыдаид бастдзинад Зеленскиимæ. Константинов бахахх кодта, хъырымæгтæн Зеленский алыхатт дæр кæй уыдзæн æфсæддон фыдгæнæг.