Тъехты Айвенгойы, кæцы фæмард Украинæйы, схорзæхджын кодтой Хъайтардзинады орденæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik. Уæрæсейы Федерацийы президенты барамындæй сæрмагонд æфсæддон операцийы (СÆО) хайадисæг Хуссар Ирыстонæй Тъехты Айвенгойы мæлæты фæстæ схорзæхджын кодтой Хъайтардзинады орденæй.
Хæстоны бинонтæн паддзахадон хорзæх радта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Тъехты Айвенго фæмард Украинæйы СÆО-йы зонæйы, цыд ыл 31 азы. Хицæн азты куыста журналистæй ПТРК "Ир" æмæ "Осетия-Ирыстон"-ы.
СÆО-йы зонæйы Айвенго уыд командæгæнæджы хæдивæг бархионты батальон "Шторм"-ы. Тъехты Айвенго мæлæтдзаг цæф райста Запорожаг областы Жеребянкийы цæрæн пункты тохты.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындæй Тъехты Айвенгойæн мæлæты фæстæ радтой "Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæг"-ы майдан.
Тъехты Айвенгойы, кæцы фæмард Украинæйы, схорзæхджын кодтой Хъайтардзинады орденæй