Ирон культурæйы бон ацыд Красноярскы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 ноя - Sputnik. Красноярскы цæрджытæ æмæ уазджытæн фадат фæцис фенын ирон адæмы цардуаг Ирон культурæйы боны, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны Националон политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты фæдыл министрады пресс-службæ.

"Кæддæр Кавказы цæрæг рагон хæстонтæ – скифты хæцæнгæрзты элементтæ ногæй сфæлдыстой, фадат уыд фенын равдысты кæрдтæ, цирхъытæ, акинактæ, æрдынтæ сырддон хуызтæй арæзт. Дзауматы равдыст-презентаци æмæ экипировкæ цæстуынгæ æрмæгимæ базонгæ кодта скифо-сæрмæтты традицитимæ", - банысан кодтой министрады.

Красноярскы крайы ирон культурæйы бон нысан кæнын ссис традицион. Æрвылаз мадзал арæзт æрцæуы Красноярскы крайы регионалон ирон националон-культурон автономи "Ирыстон" Адæмты хæларады хæдзар "Родина"-йы базæйыл.
Кас, сир æмæ дзыкка: Турчы цæрæг ирæттæм фæзындзæн ног проект