Æхсæз украинæйаг дроны скуынæг кодтой Хъырым æмæ Сау Денджызы сæрмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 ноя - Sputnik. Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой фондз украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Хъырымы æмæ иу та Сау Денджызы сæрмæ, фехъусын кодтой Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады.
"Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ скуынæг кодтой иу æнæпилотон тæхæг аппарат Сау Денджызы акваторийы, фондз та Республикæ Хъырымы территорийыл", - радзырдтой Хъахъхъæнынады министрады.
Хъырым æмæ Севастополы архайы террористон тæссагдзинады бур æмвæзад Украинæйы Гарзджын тыхты регулярон провокациты тыххæй.