Цхинвалы Уæрæсейы адæмон иудзинады Боны цытæн ацæудзæн "Стыр этнографион диктант"

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 ноя – Sputnik. Уæрæсейаг æмбæстæгты æхсæнадон организаци Россы Цхинвалы Уырыссаг хæдзары æххуысæй хоны республикæйы цæрджыты хайад райсын этнографион диктанты, кæцы нывонд у Уæрæсейы адæмон иудзинады Бонæн.
Цхинвалы Уырыссаг хæдзары пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй æхсæнадæмон рухстауæн акци "Стыр этнографион диктант" ацæудзæн 3-8 ноябры. Акци зонгæ кæны Уæрæсейы адæмты культурæимæ.
"Диктант уагъд цæуы Адæмон иудзинады Боны хæдразмæ. Æмбæстæгтæ, кæцытæ цæрынц Хуссар Ирыстоны, активонæй æрбаиу сты акцимæ. Диктанты оффлайн хайад райсынмæ хонæм алкæйдæр 7 ноябры Уырыссаг хæдзары фæзуатмæ Цхинвалы 16.00 сахатыл. Фæлварæнты дзуаппытæ мыхуыргонд æрцæудзысты диктанты сайтыл 2023 азы 13 ноябры онг", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, мадзалы организатор кæй у нациадты хъуыддæгты фæдыл Федералон агентад.