Нарты кадджытæ. Сосланы мæлæт

Sputnik
Æрхаста Сослан Хуры чызг Ацырухсы йæхицæн усæн. Цæрынтæ, хæрынтæ байдыдтой; бонтæ, азтæ сыл ивгъуыдтой. Арæх-иу цыдис сослан цуаны Зилахары быдырмæ. Афтæмæй æрвыста йæ рæстæг.
Уæд та иуахæмы бафæнд кодта фæцæуын Зилахары быдырмæ дыууадæс æмбалимæ. Ацыдысты. Зилахары быдыры æрцарæзтой сæхицæн мусонг. Райсомæй-иу сихормæ фæцуан кодтой, стæй-иу æрцыдысты мусонгмæ сæ фæллад уадзынмæ; сæ фæллад-иу суагътой æмæ та-иу изæрæй ацыдысты цуаны.
Иубон куы уыд, уæд та райсомæй цуаны ацыдысты æмæ сихормæ фæстæмæ сæ бынатмæ фæлмæстæй æрцыдысты. Цуанонтæ æркъултæ кодтой, нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ. Сослан фæллад нæ зыдта æмæ, цалынмæ ме ‘мбæлттæ сæ фæллад уадзынц, уæдмæ искуыты куы разилин, зæгъгæ, рацыдис мусонгæй.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.