Цхинвалы хай рæстæгмæ баззад æнæ рухсæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 ноя – Sputnik. Цхинвалы хайы ахицæн электроифтонгад майрæмбоны 13.00-æй 13.50 сахаты онг. Уый тыххæй информацион агентад РЕС-æн фехъусын кодта Паддзахадон унитарон куытуат "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон"-ы гендиректор Къæбысты Ацæмæз.
"Ацы мадзал баст у аварион уавæримæ, хъæуы сисын фæндагон кусджыты хæдтулгæ электрондыххы хаххы бынæй. Сидæм горæты цæрджытæм, цæмæй æмбаргæ ахаст дарой ацы цаумæ", - загъта Къæбысты Ацæмæз.