РХИ Кабмины сæргълæууæг бабæрæг кодта Хъорнисы хъæуы хиды арæзтад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 6 ноя – Sputnik, Плиты Фатима. Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдар Джуссойты Константин къуырисæры бабæрæг кодта Знауыры районы Хъорнисы хъæуы хиды арæзтад. Куыстытæ сты сæ тæккæ тæмæны.
"Ницы нæ хъыг дары. Иууыл зындæр куыстытæ фесты арæзт. Ацы аз хидыл уыдзæн ацæуæн", - радзырдта Комавтодоры сæргълæууæг Гæбæраты Алан.
Доны сæрмæ арæзтад ратдзысты эксплуатацимæ фидæнмæ уалдзæджы, банысан кодта амайыны министр Елдзарты Константин.