Æризæр. Хуры цæст нал зыны, фæлæ ныгуsлгæ нæма акодта, ныгуылæнырдыгæй арв сырх-сырхидæй æрттивы, цыма стыр арт ссыгъдис фæсобау.
Хъом цæуын байдыдтой. Уæрыччытæ, сæныччытæ, ног зад родтæ уасынц сæ мадæлтæм. Адæм дæр базмæлыдысты: чи здахы йæ сæгъты, чи йæ фысты, чи йе стурты.
Урсбын дыууæ хъуджы æмæ дыууæ сæгъы баздæхтысты иу хæдзармæ. Сæгътæ сæ бынатмæ бацыдысты æмæ æрхуыссыдысты. Хъуццытæ кæрты лæууынцæмæ хордонырдæм кæсынц се 'стыр хъоппæг цæстытæй.
Æфсин хъуццытæн холлаг рахаста. Уыдон дæр æм сæ сæртæ схъил кодтой æмæ бауасыдысты уæззаугомау, — базыдтой, хæринаг сын кæй рахæссы, уый.
Æфсин æхсыр дуцыныл балæууыд. Урс хæмпус фынк ведрайы сæрты акалд.
Уыцы рæстæг хистæр чызг Асиат та дыгъта сæгъты. Иæ уæлхъус лæууы йæ астаздзыд æфсымæр Батрадз. Сæгътæ дыгъд куы фесты, уæд чызг сыстад æмæ æхсыры каструлкæ лæппуйы дзыхыл сдардта.
Батрадз зæрдиаг нозт кæны ногдыгъд фынккалгæ хъарм æхсыр.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.