Хуссар Ирыстоны стынг кодтой Гуырдзыстонимæ арæнгæроны мониторинг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон Æдасдзинады комитет æмæ республикæйы Арæнгæронон службæ Уæрæсейы ФÆС иумæ Хуссар Ирыстоны фæтынгдæр кодтой Гуырдзыстонимæ арæнгæроны уавæры мониторинг, хъусын кæны дыццæджы Паддзахадон Æдасдзинады комитеты пресс-службæ.
Куыд хъусын кæнынц уагдонады хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг паддзахадон арæны уавæр иумæйагæй у стабилон, эскалаци фиксацигонд нæ цæуы.
Уыимæ иумæ арæнгæрон цæрæг пункт Кирбалийы банысангонд æрцыд 50 граждайнаг гоймаджы. Ныртæккæ дзы протестон архайд нæй, Гуырдзыстоны ᾿рдыгæй ситуаци контроль кæны полици.