Украинæйы гарзджын тыхты раздæры æфсæддонтæ бахордтой ард Уæрæсейы раз

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 7 ноя - Sputnik. Богдан Хмельницкийы номыл фыццаг дæлхайады батальоны æфсæддонтæ, раздæры украинаг уацайрæгтæ бахордтой ард Уæрæсейы раз, хъусын кæны РИА Новости.
Богдан Хмельницкийы номыл батальон райдыдта йæ службæ уæрæсейаг тактикон арæзты оперативон-хæстон батальон "Каскад"-ы октябры кæрон. Кæй йæ аразынц Украинæй гарзджын тыхты æфссæддонтæй, уый тыххæй фехъусын кодтой Уæрæсейы февралы.