"Æдас горæт" скусдзæн штатон режимы ноябры æмбисæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 8 ноя – Sputnik. Йæ кæронмæ æрбахæццæ ис "Æдас горæт"-ы аппаратон-программæйон комплексы æртыккаг этап, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæ.
Министрады банысан кодтой фото æмæ видеофиксацийы автоматикон комплекстæ, афтæ ма æндæр ифтонгад дæр монтажон куыстыты фæстæ рацыдысты фæлтæрæн.
"Мæйы æмбисæй комплекс скусдзæн штатон режимы", - банысан кодтой МХМ.
Фæлгастон камерæтæ ахъаз фæуыдзысты милицийы кусджытæн æхсæнадон фæткæвæрд хъахъхъæнынæн. Информаци иууылдæр лæвæрд цæудзæн ПАИ бæрæггæнæнты фадыгмæ.