Цхивалы хай баззад æнæ рухсæй амайæн куыстыты тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik. Горæт Цхинвалы Микрорайон ЦАРЗ, Шанхай æмæ Присы хъæу баззадысты æнæ рухсæй цыппæрæмы амайæн куыстыты тыххæй, фехъусын кодтой "Энергоресурс-Хуссар Ирыстон"-ы.
Цхинвалы хаймæ рухсы ифтонгад æрурæд ис райсомы 11.00 сахатæй боны 15.00 сахатмæ.
Энергетикон уагдонады информацимæ гæсгæ, ныртæккæ нæуæг линийы æххæст цæуы куыстыты стыр бæрц, æмæ уый тыххæй æнæмæнгæй хъуыдис æруромын электрон рухсы ифтонгад ацы районты.