ЦХИНВАЛ, 10 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. "Пирола" у "омикрон"-ы ног штамм, фыццаг хатт рабæрæг ацы аз июлы мæйы. Уæрæсейы ацы штаммы фыццаг рынчынтæ регистрацигонд æрцыдысты 8 ноябры. Куыд банысан кодта Роспотребнадзоры сæргълæууæг Анна Попова, 10 рынчыны йеддæмæ нæ рабæрæг, фæлæ дарддæр дæр апырх уыдзæн паддзахадыл.
Ацы вирусы симптомтæ сты хуымæтæг ОРВИ-йы симтомты хуызæн, уымæй дæрддæр ма гæнæн ис æмæ буар рафада, цæстытæ сырх кæной æмæ ææдæр бæрæггæнæнтæ.
Вирус "пирола" тæссаг у тынг хæцаг кæй у, уый тыххæй. Профилактикæйы мадзæлттæ сты хуымæтæджы грипп æмæ æндæр респираторон низты рæстæджы мадзæлттæ æххæст кæнын.