Хуссар Иры экономистты схорзæхджын кодтой хæрзиуджытæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер Джуссойты Константин схорзæхджын кодта республикæйы экономикон министрады кусджыты паддзахадон хæрзиуджытæй.
Мадзал уагъд æрцыд Экономисты боны цытæн.
"Цытджын республикон грамотæтæ, хицауадон бузныджы грамотæтæ, афтæ ма "Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт экономист"-ы ном хицауады сæрдары къухæй райстой экономикон райрæзты министрад æмæ йæ дæлхайадты кусджытæ", - банысангонд æрцыд хицауады пресс-службæйы хъусинаджы.
Афтæ ма министрады кусджытæн раарфæ кодтой экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт æмæ хицауады сæрдары хæдивæг Тадтаты Дзамболат.