Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытæ æрцахстой кардæй ныццæвæг фæткхалæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 ноя - Sputnik. Цхинвалы æрцахстой 22-аздзыд лæппулæджы, кæцы ныццавта кардæй æндæр нæлгоймаджы, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
МХМ оперативон къорд сбæрæг кодта, зианбаййафæг кæй тыхми кодта 22-аздзыд æмбæстаджы мады ныхмæ.
Куыд фехъусын кодтой барадхъахъхъæнæг органты, дыууæ æмбæстаджы дæр уыдысты урæд. Фæстæдæр зианбаййафæджы баластой РБМЦ, уым райста æнæмæнгхъæуæг медицинон æххуыс .