Æрфæн-æрвон — Æрфæн — Нарты кадджытæм æрвон бæхты мыггагæй, уыд Нарты хистæр Уырызмæджы æмбисонды бæхы ном. Уый хонынц зæххон бæхты фыдæл, уымæй, дам, равзæрдысты. Ирд æхсæвы арвы астæу иу кæронæй иннæмæ цы урсбын фæтæн тæлм фæзыны, уый ирон адæм хонынц "Æрфæны фæд".
Æцæгæй та Æрфæны фæд у тынг дард нæм чи у, уыцы стъалыты тыгуыр. Афтæ бирæ сты æмæ афтæ дард, цæст сæ не ᾿взары иугæйттæй. Хъæуы телескоп. Ацы стъалытæ иууылдæр æмæ нæ Хур хауынц иу системæмæ – хуыйны Галактикæ (гала бердзенагау нысан кæны æхсыр). Æрттивгæ дæр алы ран æмхуызон нæ кæны: сæрды дзы цы хай уынæм, уый зымæгон хайæ æрттивагдæр у.
Æрфæныфæд егъау системæ у. Фæлæ уæддæр æгæрон нæу, ис ын бæрæг формæ æмæ арæнтæ. Цы ис уыцы арæнты æдде та? Мыййаг Дун-дуне айдагъ Æрфæныфæды йеддæмæ ницы у?
Дарддæр хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.