Хуссар Иры фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министрадæн æрбавдыстой ног сæргълæууæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Фæллой кæныны æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады коллективæн бавдыстой ног къухдариуæггæнæджы. Ацы бынатмæ президенты барамындæй нысангонд æрцыд Гаглойты Олег, уый размæ Юстицийы министрады сæргълæууæг.
Ног министры къуырисæры æрбавдыста президент Гаглойты Алан.

"Фидарæй мæ уырны, кæрæдзийæн баххуыс кæндзыстут æмæ иумæ кусдзыстут, уый у вазыгджын æмæ стыр къабаз. Уагдонæн аразинаг у йæ бындурæй, фæлæ мæ ныфс ис, тагъд рæстæджы йæ къæхтыл слæудзæн", - загъта Гаглойты Алан.

Ног министрад саразыны тыххæй барамынд республикæйы сæргълæуæг бафыста 23 октябры.
Ног министрад арæзт у лигъдæтты фæдыл комитеты базæйыл, уагдонæн ратдзысты æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министрады социалон ифтонгады фадыджы функцитæ.