ЦХИНВАЛ, 13 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Цхинвалы цæрæг Уалыты Сосланы мæлæты фæдыл хъуыддаг æрвыст æрцыд тæрхондонмæ æркæсынмæ, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны генпрокурор Собаты Григорий.
"Ацæугæ къуыри мах фестæм æмбæстаг Сиукъаты фырты уголовон хъуыддаджы арæзт, кæцы зылынджын æрцыд Уалыты фырты мæлæты. Хъуыддаг æрвыст æрцыд тæрхондонмæ", - загъта гепрокурор.
Цæголты фырты амарыны хъуыддаг нырма ис арæзтады. Генпрокурор банысан кодта, фæдагуырдон къорд кæй уыд Ростовы экспертизæйы фæдыл.
Мамиты фырты амарыны хъуыддаг ис йæ кæронбæттæны.
"Æнæмæнхъæуæг æрмæджытæ æмбырд цæуынц, æввахс рæстæджы æрвыст æрцæудзæн тæрхондонон органтæм", - загъта Собаты Григорий.