Борджнисы этнохъæу ныридæгæн бабæрæг кодтой 3 мин адæймаджы – комплексы бындурæвæрæг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Дзауы районмæ инспекцион балцы рæстæджы дыццæджы бабæрæг кодта этнохъæу Борджнисы.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Дзауы районмæ инспекцион балцы рæстæджы дыццæджы бабæрæг кодта этнохъæу Борджнисы.
Этнокомплексы бындурæвæрæг Бететы Юрий ауагъта паддзахады сæргълæууæгæн чысыл экскурси æмæ банысан кодта, дыууæ азмæ хъæу кæй бабæрæг кодтой æртæ минæй фылдæр адæймаджы.
"Ацы бынатмæ æрцæуынц бирæнымæц туристтæ, цæмæй базонгæ уой нæ культурæ æмæ традицитимæ", - загъта Бететы Юрий.
Паддзахады сæргълæууæг балæвар кодта хæдзар-музейæн дыууæ нывы æмæ бахахх кодта этнохъæуы ахсджиаг бынат республикæйы туристон фадыджы райрæзты.
Бететы Юрий радзырдта, кæй фæнд кæны рауæрæх кæнын комплексы территори проектон нывæстмæ гæсгæ.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан Дзауы районмæ инспекцион балцы рæстæджы дыццæджы бабæрæг кодта этнохъæу Борджнисы.