ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Экологон организаци "Цъæх Алани"-йы активисттæ волонтерты æххуысæй нывæндынц ныссадзын корейаг æмæ сыбыраг кедртæ. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта экологон организацийы разамонæг Габаты Зæлинæ.
Хуссар Ирыстоны экоактивисттæн талатæ æрырвыстой сæ коллегæтæ "Фыдыбæстæйы кедртæ" организацийæ проект "Уæрæсейы кедрты" фæлгæтты.
"Нывæндæм ныссадзын корейаг æмæ сыбыраг кедрты 500 талайы экопарчы территорийыл хуыцаубоны, 19 ноябры. Хъæудзæн нæ волонтерты æххуыс. Мах фæнды саразын иу бынаты кедрты къох, цæмæй йæм æнцондæр зилæн уа", - загъта Габаты Зæлинæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, кедрты талатæ нæ байуардзысты организацитæ æмæ уагдæттыл.
"Ацы фæззæджы сæ мах нæхицæн æрласын кодтам. Экопаркæй дарддæр талатæ ныссадздзыстæм хæххон хъæуты", - банысан кодта уый.