ЦХИНВАЛ, 14 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабæрæг кодта электроифтонгады телты ранæуæг кæныны куыстытæ Уæллаг Хуыцъейы хъæуы.
"Энергоресурс"-ы сæргълæууæг Къæбысты Ацæмæзы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ивд æрцыдысты 14 рагон цæджындзы. Уый банысан кодта, хъæуы кæй сæвæрдзысты централон трансформатортæ, уырдыгæй цæрджыты хæдзæрттæм бауаддзысты электроэнерги.
"Ам мах сæвæрдтам 14 цæджындзы æмæ ныр та араздзыстæм 4 киловольты лини. Раздæр сæм уыд æлхъывдад 0,5 фазæимæ, ныр та уыдзæн 3-фазæйон æлхъывдад. Боныгъæдмæ гæсгæ, куыстытæ фæуыдзысты дыууæ боны дæргъы", - загъта Къæбысты Ацæмæз.
Куыд банысан кодта уагдоны сæргхълæууæг, куыстыты æрнывыл кæныны фæстæ электроэнергийæ сифтонг уыдзысты 14 хæдзары.