Хуссар Иры Национ библиотекӕ ӕмгуыстад кӕндзӕн УФ библиотекӕты ассоциациимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 ноя - Sputnik. Анахарсисы номыл Хуссар Ирыстоны Национ библиотекӕ ӕмгуыстад кӕндзӕн Уӕрӕсейы библиотекӕты ассоциациимӕ, уыдон рахицӕн кӕнынц фӕсарӕнты цӕрӕг ӕмбӕстӕгтӕн аивадон ӕмӕ методикон литературӕ. Бастдзинӕдтӕ ӕрнывыл кӕнынӕн баххуыс кӕндзӕн Уырыссаг хӕдзар Цхинвалы. Уый тыххӕй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минӕварады пресс-службӕ.
Минӕварады банысан кодтой, Национ библиотекӕйы директор Гуыцмӕзты Инна хайад кӕй райста профессионалон райрӕзты программӕ "Наши библиотеки. Русский язык как родной", кӕцы сорганизаци кодта Санкт-Петербурджы ӕддагон бастдзинӕдты фӕдыл комитет.
Минӕварады разамонӕг Сергей Комиссаровимӕ фембӕлды рӕстӕджы Гуыцмӕзты Инна лӕмбынӕгӕй радзырдта балцы фӕстиуджытӕ ӕмӕ цалдӕр проекты фӕдыл хъӕппӕристы тыххӕй.