ЦХИНВАЛ, 14 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан дыццæджы басгæрста Дзауы астæуккаг скъолайы ног корпусы арæзтад, паддзахады сæргълæууæг райгондæй баззад куыстытæй.
"Стыр фæзуæттæ, фенцондæр уын уыдзæн. Азы кæронмæ райдайдзысты аразын агъуыст", - загъта президент.
Хуссар Иры президент басгæрста Дзауы скъолайы ног корпусы арæзтад
© Sputnik / Аманда Томаева
Скъола рауæрæх кæныны фæдыл скъуыддзаг рахастой ацы аз уалдзæджы, ног фæзуæтты уыдзæн цыппар къласы, хæрæндон æмæ фæллойадон ахуырады кабинеттæ.
"Махмæ тынг нæ фаг кæнынц бæстыхæйттæ. Мах уый тыххæй рацарæзтам къласмæ химикон кабинет æмæ дзаумæттæ ивæн бæстыхай. Хæрæндон та нын ис хуымæтæг къласы, уый фæдыл нæ цалдæр хатт фæивар кодтой", - загъта скъолайы директор Санахъоты Алан.
Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъола у иууыл стырдæр районон ахуырадон уагдæттæй иу Хуссар Ирыстоны – ахуыр дзы кæнынц 220 скъоладзауы, сæ нымæцы уæрæсейаг æфсæддонты сывæллæттæ дæр.
Хуссар Иры президент басгæрста Дзауы скъолайы ног корпусы арæзтад
© Sputnik / Фатима Плиева