Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой цыппар дроны Уæрæсейы территорийыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 ноя - Sputnik. Уæрæсейы Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ ивгъуыд суткæйы дæргъы скуынæг кодтой цыппар украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Мæскуы, Тамбов, Брянск æмæ Орловскы областты территориты, фехъусын кодтой УФ Хъахъхъæнынады министрады.
"2023 азы 13 ноябры æхсæвы иуварсгонд æрцыд Киевы режимы террористон атакæ æнæпилотон тæхæг аппаратты руаджы Уæрæсейы Федерацийы территорийы объектты", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, Уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ кæй скуынæг кодтой цыппар украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты Мæскуы, Тамбов, Брянск æмæ Орловскы областты территориты.