Уæрæсейы ФÆС æрцахста Челябинскы украинæйаг националистты фарслæууæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 ноя - Sputnik. Челябинскы æрцахстой украинæйаг националистты фарслæууæджы, кæцы фæнд кодта сæххæст кæнын теракт хиарæзт гранатæты руаджы, фехъусын кодта дыццæджы РИА Новости Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.
"Нысангонд гоймаг уыд украинæйаг националистон змæлды фарслæууæг, æмæ фæнд кодта сæххæст кæнын террористон акт областон центры административон объекттæй иуыл. Уый нысанæн гоймаг хъуамæ спайда кодтаид хиарæзт гранатæтæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдоны банысан кодтой, гоймаджы кæй бакодтой рæстæгмæдарæн изолятормæ.