Епхиты Тæтæри. Уацмыстæ

Епхиты Тæтæри. Радзырдтæ. МÆ ХÆНКЪÆЛÆЙХАСТ ЧЫЗГ

Sputnik
Фидараты Балойы чындзæхсæв фæци. Ныр æрыгон хæдзаргæнæг йæхи бафистæджытæ кодта æмæ ноджы зæрдиагдæрæй бавнæлдта куыстмæ.
Тæккæ иубон хуыцаубоны дæр ма Фидараты кæрты уыди гуыпп хъазт æмæ нæртон симд. Уыцы бон сæм ссыди хуын Хъахъхъæдурæй. Хуын схастой Къалатæ — Фидаратæн сæ ног чындзы цæгат. Ныр сæ хæстæ ахицæн кодтой дыууæ мыггаджы, ног хæстæджытæ.
Фидараты Бало уыдис колхозон. Астæуыккаг хъæууон скъолайы æвдæм къласы онг фæцахуыр кодта, фæлæ йæ мад куы фæрынчын, уæд йе 'скъола ныууагъта æмæ кусынмæ бацыд. Колхозы дыууæ азы бæрц акуыстаид, афтæ йæм æфсадмæ фæсидтысты. Ныр службæйæ сыздæхт æмæ та колхозы кусын райдыдта.
Дарддæр Епхиты Тæтæрийы радзырдмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.