ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Цхинвалы скъолаты дарддæр уагъд цæуы ахуырдзауты диспансеризаци. Кæцыдæр ахуырадон уагдæтты фæцис медицинон басгæрсты райдайæн этап, фехъусын кодта Sputnik-æн республикæйы сæйраг педиатр Хæныкъаты Лариса.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахуырдзаутæн уадздзысты медицинон басгæрст цалдæр этапы скъолаты территориты æрвыл æртыццæг æмæ майрæмбоны.
"Фыццæгæм, дыккæгæм æмæ æртыккæгæм скъолаты балхынцъ ис фыццаг этап. Ныртæккæ анализтæ ист цæуынц фæндзæм скъолайы. Афтæ ма педиатртæ райдыдтой уадзын медицинон басгæрст фыццæгæм, дыккæгæм, фæндзæм скъолаты, афтæ ма аивæдты Лицей æмæ гимнази "Альбионы", - загта республикæйы сæйраг педиатр.
Хæныкъаты Лариса куыд банысан кодта, афтæмæй басгæрсты райдайæны педиатртæ ауадзынц антропометри. Низтæ кæнæ физикон æнæниздзинады ивындзинæдтæ сбæрæг кæныны рæстæджы дохтыр арвиты скъоладзауы уынгæг профилы специалисттæм: кардиолог, эндокринолог, офтальмолог, лор-дохтыр æмæ æндæртæм.
Хæныкъаты Лариса бафтыдта, зæгъгæ, диспансеризаци адарддæр уыдзæн 2024 азы февралы онг.