ЦХИНВАЛ, 15 ноя - Sputnik. Антитеррористон ахуыртæ цæуынц Цæгат Ирыстоны горæтгæройнаг районы 15-16 ноябры, хъусын кæны ПТРК "Алани" республикæйы ФÆСФ пресс-службæмæ æрвитгæйæ.
"Барадхъахъхъæнæг органты æмæ тыхон структурæты кусджытæ архайынц теракт ма руадзыны тыххæй сæрмагонд мадзæлтты", - дзырдæуы сæрмагонд службæты хъусинаджы.
Куыд банысан кодтой ФÆСФ оперштабы, ахуырты рæстæгмæ районы змæлдыл уыдзæн арæнæвæрд. Уыимæ иумæ, фæткдаруат хаты æмбæстæгтæм, цæмæй "ма фæтыхсой, афтæ ма ма бахъыгдарой барадхъахъхъæнæг органтæ æмæ тыхон структурæты куыст".