Гаглойты Алан ауагъта хицауады уынаффæйы æмбырд Æхсæнхицауадон къамисы рабадты хæдразмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй Цхинвалы ацыд уынаффæйы æмбырд Æхсæнхицауадон къамисы рабадты хæдразмæ, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадт ацæудзæн Цхинвалы 17 ноябры.
"Боны фæткы сты фарстытæ, кæцытæ хауынц Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерацийы рдыгæй 2023 азы финансон æххуысмæ йæ социалон-экономикон райрæзтæн, уыимæ иумæ интеграци æмæ хæларады фæдыл бадзырды реализацимæ, паддзахадон программæ "Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзт 2022-2025 азтæм"-мæ, РХИ электроифтонгады оптимизацийы фæдыл мадзæлтты нывæстмæ, афтæ ма дыууæ бæстæйы таможнæйон æмархайдмæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уынаффæйы æмбырды хайад райстой: президенты администрацийы сæргълæууæг Мæргъиты Алан, хицауады сæрдар Джуссойты Константин, хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Джиоты Алан, хицауады сæрдары хæдивæг – финансты министр Тадтаты Дзамболат, экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт, арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Елдзарты Константин, фæллойад æмæ социалон хъахъхъæнынады министр Гаглойты Олег.