ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæ æрбавдыста республикæйы æмбæстаг Тамила Меаракишвилийы уагахаст, кæцы дискредитаци кæны прокуратурæйы органты æмæ паддзахады хицауады æхсæнады раз, хъусын кæны майрæмбоны уагдонады пресс-службæ.
"Азæй фылдæр æмбæстаг Меаракишвили нæ цæуы прокуратурамæ, уыимæ иумæ йæ зоны æнæмæнгæй дæр æй кæй хъæуы æрбацæуын прокуратурæмæ, цæмæй йæ докуметтæ рахæсса", - банысан кодтой Генпрокуратурæйы.
Уагдонады бахахх кодтой, "æмбæстаг Меаракишвилийы ахæм æнæуаг ахаст прокуратурæйы органтæ æмæ паддзахадон хицауад кæй дискредитаци кæны æхсæнады раз".