ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik. Знауыры районы адресон æххуыс æртæ иунæг ацæргæ нæлгоймагæн бакодтой милицийы кусджытæ, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны МХМ пресс-службæ.
Министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй милиционертæ æрбаластой ацæргæ æмбæстæн лыг сугтæ зымæгмæ. Зæрæдты хæдзæрттæ хъарм кæнынц суджы пецтæй, æмæ сæ бон сæхицæн нæу æрбаласын, кæнæ балхæнын.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, фадыгон инспектортæ МХМ сæргълæууæджы барамындмæ гæсгæ адрестæм гæсгæ бæрæг кæнынц ацæргæ æмæ иунæг æмбæстæгты, сифтонг сæ кæнынц æнæмæнгхъæуæг æххуысæй æмæ ныууадзынц бастдзинады контакттæ.