ЦХИНВАЛ, 17 ноя - Sputnik. Уæлвæткон уавæрты министрад (УУМ) æмæ Ахуырады министрад дарддæр уадзынц нывæстон ахуыртæ сывæллæттæ æмæ персоналы эвакуацийы фæдыл астæуккаг скъолатæ æмæ сабидæттæй, ноябры æмбисæй ахæм ахуыртæ уагъд цæуынц скъолайы агъоммæ ахуырадон уагдæтты, хъусын кæны майрæмбоны УУМ пресс-службæ.
"Ахуырадон тренировкæтæ ацыдысты Цхинвалы 8, 15 æмæ 16-æм сывæллæтты ахуырадон уагдæтты", - банысан кодтой министрады.
Ахуыртæ уадзыны нысан у сахуыр кæнын персоналы тагъд æмæ æнæрæдыдæй архайын уæлвæткон цауты рæстæджы.
Цхинвалы сабидæтты уадзынц сывæллæттæ æмæ персоналы ахуырадон эвакуацитæ
© Photo : Пресс-служба МЧС РЮО