ЦХИНВАЛ, 18 ноя – Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирыстонæй ацæугæ адæм, кæцытæ ныридæгæн цæрынц Мæскуыйы, арвыстой гуманитарон æххуысы радон парти сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг батальон "Алани"-йы хæстонтæн. Уæзы сконды ис сæрмагонд техникæ æмæ хæлцад, фехъусын кодта Sputnik-æн акцийы организатор Пухаты Альберт.
Хæрзгæнджытæ сæ акци æрæмных кодтой Уастырджыйы кувæн къуыримæ, уый тыххæй сæ æрвитæггæгты ахадгæ хай сты уæлибыхтæ, фæлæ ма уымæй дарддæр арвыстой сæрмагонд техникæ - квадрокоптертæ æмæ генератортæ.
"Стыр бузныг зæгъын нæ фарсмæ чи рбалæууыд, чи æрæвæрдта фæрæзтæ æфсæддонтæн баххуыс кæнынын тыххæй, уыдонæн се ппæтæн дæр", - загъта Пухаты Альберт.
Гуманитарон уæзы скоды хæстонтæн æрвыст æрцыд сабитæй фыстæджытæ дæр.