ЦХИНВАЛ, 20 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийы барадхъахъхъæнæг органтæ срегистраци кодтой иу фыдракæнд æмæ дыууæ фæндагон-транспортон цауы, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
"13 ноябрæй 20 ноябрмæ республикæйы территорийы регистрацигонд æрцыд иу фыдракæнд. Ацæугæ къуырийы республикæйы фæндæгтыл регистрацигонд æрцыд дыууæ ФТЦ. Аварийы фæстиуæгæн зиан баййæфтой дыууæ адæймаджы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уымæй дарддæр, алыхуызон æхсæнадон фæткхæлдты фæстиуæгæн, милицийы кусджытæ æрдомдтой дзуапп 6 адæймагæй.
Афтæмæй ма, фæндагон змæлды æдасдзинад хъахъхъæнгæнгæйæ, автоинспектортæ рабæрæг кодтой 307 фæндагон змæлды фæткхæлды, уыдонæй аст скъæрæджы уыдысты нозтджын.
Ноджыдæр ма уагдонады банысан кодтой, 47 фæткхалæджы скъæрдтой автотранспортæй æнæ æмбæлон документтæй, 37 – ацыдысты светофоры тобæгонд сигналыл, 64 адæймаджы скъæрдтой автотраспортæй æнæ бартæй, 18 скъæрæджы рахызтысты ныхмæлæууæг фæндаджы тагмæ.