Хуссар Иры ленкгæнджытæ рамбылдтой 43 майданы Кæсæг-Балхъары фыццагады

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 ноя – Sputnik. Кæсæг-Балхъары регионалон-æхсæнадон организацийы гом фыццагады ленк кæнынæй Хуссар Ирыстоны спортсментæ рамбылдтой 43 майданы, хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты пресс-службæ.
Хуссар Ирыстоны ленк кæныны Федерацийы президент Плиты Ацæмæз куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы кад ерысты хъахъхъæдтой дыууæ командæйы: 20 спортсмены спорты галуан "Олимп"-æй æмæ 17 та ленк кæныны бассейн "Дельфин"-æй.
"Ирон ленкгæнджытæ æдæппæт рамбылдтой 43 майданы", - загъта Плиты Ацæмæз.
Ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой: Бекъойты Дмитрий, Пухаты Мæдинæ, Лалыты Арсен, Зассеты Марат, Лалыты Арсен, Лалыты Кристина, Лалыты Анжелика.
Æвзист майдантæ рамбылдтой: Бикъойты Константин, Тедеты Азæмæт, Калаты Диона, Зассеты Марат, Битеты Дамир, Кокойты Александр, Хъазиты Ирэна, Уалыты Валерия, Алина Бондаренко, Хъазиты Ирэна.
Бронзæйон майдантæ рамбылдтой: Болататы Марат, Тедеты Азæмæт, Цхуырбаты Сослан, Медойты Арсен, Цхуырбаты Сослан, Калаты Диона, Илья Чимидов, Цхуырбаты Георгий, Кокойты Александр, Плиты Дина, Алина Бондаренко, Джиоты Кристина.
Плиты Ацæмæз бахахх кодта, иууылдæр райгондæй кæй баззадысты ерысты фæстиуджытæй.
Хуссар Иры ленкгæнджытæ рамбылдтой 43 майданы Кæсæг-Балхъары фыццагады