Нарты кадджытæ. Сæууай

Sputnik
Нарты Борæтæ авд азы фæллой æмбырд кодтой сæ зæронд мæрдтæн кады хист скæнынæн.
Хисты бонмæ ма æртæ азы куы уыди, уæд фидиуæг ныхъхъæр кæнын кодтой:
- Борæтæ æртæ азы фæстæ хист кæнынц сæ зæронд мæрдтæн, æмæ алчи йæ дугъон бæхмæ куыд базила; дугъ та уыдзæн Ахъ-денджыз æмæ Хъара-денджызы астæу сакъадахæй Нарты Хъазæн фæзмæ; Хъазæн фæзы уыдзæн тырыса сагъд, æмæ уыцы тырысамæ чи æрбаразæй уа, уымæн фыццаджы хай – уацайраг лæппу, дыккагæн та – уацайраг чызг; аннæ бæхтæй дæр иу дæр æнæ хай нæ уыдзæнис, хæцæнгарзæй, фосæй æмæ æндæр хæзнатæй.