ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æхсыны бригадæйы офицертæ цæуынц теоретикон ахуыртæ, æфсæддонты къуырийы дæргъы ахуыр кæныдзысты куыд хъæуы бацæттæ кæнын мобилизацимæ æмæ хæстон рæстæджы уавæрты куыстмæ, хъусын кæны хуссарирыстойнаг хъахъхъæнынадон уагдонады пресс-службæ.
"Ахуыртæ цæуынц æхсыны бригадæйы командиры къухдариуæгады бын æмæ цæудзысты къуырийы дæргъы. Ныртæккæ офицертæ хуыздæр кæнынц сæ дæсныйад мобилизацион цæттæдзинадæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уагдонады бафтыдтой, мобилизацийы сæйраг нысан у æппæт æмвæзадты органты дæр разывæлгъау бацæттæ кæнын мобилизацийы рæстæджы æмæ хæстон рæстæджы куыстмæ.